Йæ цыбыр царды цы бирæ хæрзиуджытæ сарæзта…
15-æм августы Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты призер, цыппар хатты дунейы чемпион Къудухты Бесичы райгуырдыл сæххæст 40 азы
Æвæдза, куыд мæнгард у цард…Адæймаджы фæндтæ иуырдæм, хъысмæтæн та – иннæрдæм… Йæ царды азтæ æдæппæт уыдысты 27. Зæгъæн ис, йæ лæджы кары куы бацыд, уæд аскъуыд йе ʼвзонг цард. Йæ рæстæджы дзы йæ ныхмæлæууæг Генри Сехудо загъта: «Бесик у иунæг, дыккаг ахæм нæй». Уæвгæ, алцæмæй дæр хицæн кодта: йæ уæздандзинад æмæ æфсарм, йæ тырнындзинад æмæ ма иу диссаг – йæ ныхмæлæуджытæн дæр кодта уæлдай кад. Уымæ гæсгæ йæ уыдон дæр уарзтой, аргъ ын кодтой.
2013 азы кæрон адæм сæхи ног, 2014 азы æрбалæудмæ куы цæттæ кодтой, афтæ айхъуыст æнæнхъæлæджы æвирхъау хабар. 29-æм декабры Армавиры цур Краснодары Федералон трассæйыл фæндаггон-транспортон цауы фæмард Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты призер, цыппар хатты дунейы чемпион Къудухты Бесик. Стыр зиан æрцыд æрмæст Ирыстоны спорты нæ, фæлæ дунеон спорты дæр.
Стыр спортсмен æмæ стыр адæймаг Къудухты сахъгуырд дунейы нымад уыд иууыл тыхджындæр богалтæй сæ иуыл. Хæларзæрдæ æмæ диссаджы æвзонг адæймаг хайджын уыд царды цыдæриддæр хорздзинæдтæ ис, уыдонæй.
Бесикæн æрмæстдæр 27 уалдзæджы бантыст рацæрын йæ уарзон Ирыстоны зæххыл. Райгуырд 1986 азы 15-æм августы Ленингоры районы Уæллаг Цхилоны хъæуы. Йæ ныййарджытæ Къудухты Нодар æмæ Лейлæйæн сæ фыццаг хъæбул а-дунемæ куы фæзынд, уæд ма сæхицæй амондджындæр кæй æнхъæлдтой. Цыбыр рæстæджы фæстæ ма Бесикæн фæзынд хо дæр æмæ бинонты уæзæгæй хъуыст сабиты хъæлдзæг хъæлæба, фæлæ…
1991 азы гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд куы райдыдта, уæд уæззау уавæры бахаудтой Цхилоны цæрджытæ дæр, сæ цард Ирыстоны иннæ хъæутау бынтондæр схæлæттаг. Къудухты бинонтæ лидзинаг фесты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрбынат кодтой Беслæны. Лигъдонæн йæ ном йæ уæлæ ис. Сæ цард уæззау уыд, ногæй сæ бахъуыд аразын, фæлæ Нодар æмæ Лейлæ куыстой, амæлттæ кодтой, цæмæй сæ дыууæ хъæбулы раст фæндагыл бафтыдтаиккой æмæ адæмы рæгъы рацыдаиккой.
Бесик ахуырмæ разынд æвзыгъд, фæлæ ма ахуыры æмрæнхъ йæ хъусдард аздæхта спортмæ дæр.
Цæрдæг æмæ цæхæрцæст лæппу спорт йæ гыццылæй бауарзта. Фыццаг уыд футбол. Фæлæ хъæбысхæст тыхджындæр разынд. Равзæрст хъуыддаг æмæ зæрдæйы монцтæ стæм хатт баиу вæййынц, фæлæ Бесикмæ уыцы амонд бахудтис.
Æвзыгъд лæппу-иу йæ тренеримæ бакуыста ног техникæйыл æмæ-иу йын цалынмæ йæ ныхмæлæуджытæ йе уæнгты змæлдыл дис кодтой, уæдмæ Бесик уæндонæй цыд уæлахизмæ.
Богалы арæхстдзинад ын æрдзæй лæвæрд уыдис. Фæлæ хъысмæт йæхи тæрхон рахаста – стыр спортсмены ирд цардвæндаг аскъуыдта…Æгæр раджы…
Спортуарзджыты æмæ спортсменты зæрдæты Бесик раздæрау у, æмбал кæмæн нæй, ахæм адæймаг. Йæ бæллиц уыд номдзыд хъæбысæйхæцæг суæвын. Æппæт тыхтæй дæр архайдта йæ фæнд сæххæст кæныны тыххæй, фæлæ Къудухты бинонтæм æнхъæлмæ каст стыр æнамонддзинад. Бесикы фыд Нодар цæрынхъуагæй фæмард автомобилон катастрофæйы æмæ йæ хъæбултыл сæвæрдта сидзæрты ном. Æвзонг лæппу банкъардта дывæр бæрнондзинад йæ саударæг мады раз, йæ хъару нæ асаст æмæ æппæт тыхтæй тренировкæтæ кодта. Йæ къухты æфтыд стыр спортивон æнтыстытæ. Йæ уæзы категорийы уыдис дунейы иууыл тыхджындæр хъæбысæйхæцæг. Спортуарзджытæ йын табу кодтой æмæ-иу сæрмагондæй бацыдысты, кæм архайдта, уыцы ерыстæм, цæмæй-иу ын бакастаиккой йæ рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ хъæбысхæстмæ. Йæ ныхмæлæууæджы алыварс-иу афтæ зылд, афтæ-иу æй йæ разæй скодта, æмæ-иу æй тасы баппæрста. Спортуарзджыты, йæ курдиатæн табугæнджыты та йæ арæхстдзинадæй дисы æппæрста. 2008 азы Пекины Олимпиадæйы йæм спортивон амонд нæ бахудт, бынтон æнæнхъæлæджы бацахста 3-аг бынат, фæлæ уый дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æнтыст уыд.
Бæргæ йæм æнхъæлмæ кастысты ноджы стырдæр уæлахизтæ, фæлæ йæ ныййарæг фыды «амондæй» фæхайджын. Уый йæ дыууæ хъæбулы сæ тæккæ фыдуарзыныл сидзæрæй куыд ныууагъта, афтæ Бесик дæр йæ дыууæ хъæбулы Евæ æмæ Георгийы ныууагъта сидзæрæй æмæ фæцух сты фыды рæвдыдæй.
Къудухты Бесикыл кæд 27 азы йеддæмæ нæ цыд, уæддæр йæхи базонын кодта æнæхъæн дунейæн, уарзтой йæ æмæ йын кад кодтой райгуырæн бæстæйы раз йæ лæггæдты тыххæй.